Хæцæнмæ фæндæгтыл робот-сапертæ минæтæ æнæзианхъом кæнынц

Тохы раззагдæр бынæттæм фæндæгтыл робот-сапертӕ минӕтӕ æнæзианхъом кæнынц. Запорожьейы Уӕрӕсейы ӕфсӕддонтӕ спайда кодтой уӕлзӕххон роботизацигонд комплекстӕй, цӕмӕй хæцæнмæ бацӕуӕнтæ ссыгъдæг уой. Машинӕ-сапертӕ операторты разамындӕй ныццагътой, знаг ӕхсӕвыгӕтты дронтæй цы рӕмудзӕн ӕрмӕг пырх кӕны, уый. Алы ӕхсӕв дӕр ныхмæлæууæг æнæпилотон аппаратты ӕххуысӕй фӕндӕгтӕ минӕтӕй байдзаг кӕны. Уым баззайынц, Украинӕйы гӕрзифтонг тыхтæ фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ цы "къӕппӕджытӕ" сæвæрынц, уыдон дӕр. Къах ӕрӕвӕрын тӕссаг кӕм у, уырдӕм ӕрвитынц техникӕ, æнæ адæймагæй. Уæззау æнцойгæнæнтимæ æндон машинӕ рæмудзæн æрмæджыты ифтындзӕнтӕ фехалы. Нырыккон минӕты ис змӕлды сенсортӕ, фæлæ роботы раз æдых сты. Афтæ фӕндӕгтӕ ӕдас свӕййынц æмæ сыл æнӕкъуылымпыйӕ ис хӕцӕн ӕрмӕг ласæн, дӕлхайӕдтӕ ивæн ӕмӕ цӕфты эвакуаци кӕнæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 357 подписчиков
12+
10 просмотров
25 дней назад

, чтобы оставлять комментарии