Беслæны сывæллæтты аивадон скъолайы арæзтад дарддæр цæуы

Афтæ бæстон архайы йæ алы хаххыл дæр Давид. Ныртæккæ кусы нывыл. Адæймаджы змæлгæйæ равдисын æнцон нæу, фæлæ æвзонг нывгæнæгæгæн, уый йæ къухы 'фты. Фыццаг хатт лæппуйы ардæм æрбахуыдта йæ мад. Уæд йæ зæрдæйы ссыгъд аивадмæ уарзондзинад. Ам сывæллæттæ архайынц æлыгимæ дæр. Сæйраг здæхтытæй уæлдай ма скъолайы амонынц авгыл æмæ ма суанг хъуымацыл дæр нывæфтыдтæ кæныныл. Æмæ кæд уавæртæ къуындæг сты, уæддæр ам аивад парахатæй рæзы. Скъолайыл фарон сæххæст 50 азы, уыцы рæстæгмæ фæивта цалдæр бынаты. Ныр сфæлдыстадон центр кусы раздæры интернаты бæстыхайы. Бабæрæг æй кæнынц сæдæ адæймагæй фылдæр. Фæлæ ма фæндгæ кæй кæны, уыдон дæр бирæ сты. Ардæм сывæллæттæ æгас Беслæнæй нæ, фæлæ ма районтæй æрбацæуынц, уыимæ Къостайыхъæу, Заманхъул æмæ Цæлыккæй. Аивадон центр байгом кæнынмæ æнхъæлмæ кæсынц æрмæст ахуыргæнджытæ нæ, фæлæ скъоладзаутæ дæр. Ног сфæлдыстадон тыгъдады архайдзысты 300 адæймаджы. Ныр арæзтадон куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Æрвылбон объекты — 30 специалисты æмæ техникæйы æртæ иуæджы. Кусæндоны проект дисы фтауы. Ам уыцы иу рæстæг фæзындзæн авд кабинеты ныв кæнынæн. Дыууæ аудиторийы æрмдæсныйады архайдæн æмæ ма ноджы сæрмагонд æрмадз керамикæ æмæ скульптурæйæн, ифтонггонд уыдзæн пецæй дæр. Арæзт æрцæудзæн чиныгдон. Уымæй уæлдай ма байгом уыдзысты ног здæхтытæ – графикæ æмæ 3d мыхуыры æрмадзимæ. Ног тыгъдад ифтонггонд уыдзæн æппæт хъæугæ нырыккон кусæнгæрзтæй. Проектмæ гæсгæ кæрты фæлладуадзæн бынат арæзт æрцæудзæн ахорæнты хуызты, бахизæны цæджындзтæ та кърандæсты. Уымæй уæлдай ма скъолайы уыдзæн дыууæ фæзуаты равдыстытæн, сæ иу дуармæ. Специалистты ныхасмæ гæсгæ куыстытæ цæуынц афоныл æмæ фæуыдзысты афæдзы кæронмæ. Ног тыгъдады архайдзысты канд Беслæны цæрджытæ нæ, фæлæ æгас Рахизфарсы районы фæсивæд дæр. Арæзтад цæуы нацпроект "Бинонтæ"-йы фæлгæты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 356 подписчиков
12+
12 просмотров
21 день назад

, чтобы оставлять комментарии